Тускъаты Таймураз разамындæй уыд РЦИ-Аланийы парламенты Советы æмбырд
Хицæн базарады зилдух 2025-æм азы рауад 216 млрд сомы. Уый 2024-æм азимæ абаргæйæ у 4% фылдæр. Хорз хатдзæгтæ нысангонд æрцыд 2026-æм азы фыццаг æмбис дæр: бæрæггæнæн сырæзт 2,1% æмæ рауад 109 млрд сомы. Уый тыххæй парламенты Советы æмбырды фехъусын кодта Цæгат Ирыстоны экономикон райрæзты министры хæстæ æххæстгæнæг Олег Быкадоров. Чысыл куыстуæтты базарад æмткæй рауад 44,5% хæстæг, уый уæййæгты иумæйаг гуырахстмæ гæсгæ. Чысыл амалхъомады субъекттæ ивгъуыд аз товартæ апарахат кодтой 34 млрд сомæн. Ацы аз бæрæггæнæн у 12,5 млрд сомы. Тускъаты Таймураз куыд фæнысан кодта, афтæмæй уæлдай æргом аздахын хъæуы хицæн товаруадзджытæм, куыд промышленнон, афтæ хъæууон хæдзарады продукцимæ.