Гуæздæрты Туркман 70 азæй фылдæр кæны хъæддæсныйы куыст

2 тыс. подписчиков

12+
12+

9 просмотров

6 дней назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

9 просмотров

6 дней назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

9 просмотров

6 дней назад

Гуæздæрты Туркман хъæдæрмæгимæ архайын райдыдта сывæллонæй фæстæмæ. Скъолайы цыд «Умелые ручки» къордмæ. Уым базонгӕ хъæугæ кусæнгæрзтимæ æмæ хъæддæсныйы сусæгдзинæдтимæ. 8-æм къласы фæстæ нæлгоймаг ахуыр кæнынмæ бацыд педагогон училищæйы аивадон-графикон хайадмæ. Ахуырты фæстæ дæр иу æрбацыд æрмадзмæ, уым хуыздæр кодта йæ арæхстдзинад. Фæстæдæр кусын райдыдта скъолайы. Уыцы рæстæг абон дæр æхсызгонæй мысы. Туркман аразы стъолтæ, бандæттæ, хæдзары æмæ ма суанг аргъуаны хъæугæ дзауматæ. Куысты размæ хъæдæрмæг хъуамæ дзæбæх бахус уа. Уый фæстæ нæлгоймаг йæ хъуыды гæххæтыл сныв кæны æмæ йын йæ чысыл хуыз скæны. Зæгъæм, мæнæ ахæм традицион бæгæныйы къусыл куыста дæс боны. Дзаума цавæр рауайдзæн уый та аразгæ у æрмæгæй, зæгъы нæлгоймаг. Уымæй уæлдай нæлгоймаг архайы аргъуантæ аив кæныныл. Ӕгас республикӕйы сарӕзта дӕс кувӕндонӕй фылдӕр. Стыр куыст бакодта Дигорайы аргъуан аразыны рӕстӕг. Дӕсны сарӕзта кулдуар, ӕфсӕйнаг быру ӕмӕ дуӕрттӕ. Йæ æвæрæны тыххæй йæ Дзæуджыхъæуккаг æмæ Алайнаг алчыр фæнысан кодта Кады гæххæттæй. Æппæт дзауматæ дæр конд сты æрдзон æрмæджытæй. Ӕрдз йӕхӕдӕг амоны, хъӕды хæйттæй цы саразӕн ис, уый, зӕгъы дӕсны, хъæды ссарæн ис фидæны бандæттæ æмæ бирæ цымыдисаг дзауматæ. Фæлтæрдджын æрмдæсны бафиппайы, хуымæтæг адæймаджы цæст цæуыл нæ æрхæцы, уый. Туркманы ныхæстæм гæсгæ йæ куыстмæ разæнгард кæны национ культурæйы аивдзинад. Туркман абон дæр кусы йæ æрмадзы. Æрыгон дæснытæн амоны йæ куысты сусæгдзинæдтæ, дих сын кæны йæ фæлтæрддзинадæй, нæ сын æвгъау кæны йæ зонындзинæдтæ. Йæ уарзондæрхъуыддагæн нæлгоймаг снывонд кодта 70 азæй фылдæр. Æмæ абон дæр адæмы зæрдæтæ æлхæны йæ куыстытæй. Аив нывты фæрцы æвдисы нæ культурæйы рæсугъддзинад æмæ хъæздыгдзинад.