Цӕгат Ирыстоны цӕрджытӕн ахсджиаг паддзахадон бӕрӕгбоны фӕдыл раарфӕ кодта Сергей Меняйло.
Абон нӕ бӕстӕйы бӕрӕг кӕнынц Уӕрӕсейы адӕмты ӕвзӕгты бон. Цӕгат Ирыстоны цӕрджытӕн ахсджиаг паддзахадон бӕрӕгбоны фӕдыл раарфӕ кодта Сергей Меняйло. Сӕргълӕууӕг куыд фӕнысан кодта, афтӕмӕй нӕ бӕстӕйы цӕры сӕдӕгай адӕмтӕ, ӕмӕ дзы алкӕмӕн дӕр ис йӕхи ӕвзаг, культурӕ, истори ӕмӕ традицитӕ. Уыцы алыхуызондзинады – нӕ хъӕздыгдзинад. Регионы разамонӕг ма фæнысан кодта, абоны бон зӕрдыл лӕууын кӕны, мадӕлон ӕвзаг хъахъхъӕнын, сывӕллӕттӕн ӕй дӕттын ӕмӕ ӕндӕр адӕмты культурӕйӕн аргъ кӕнын куыд ахсджиаг у, уый. Афтӕ хъахъхъӕнӕм нӕ иумӕйаг истори ӕмӕ Уӕрӕсейы хъӕздыг бынтӕ.