Уæрæсейы уагъд инсулины препараттæй бантыст фæсарæйнаг хостæ баивын
Уæрæсейы банывыл кодтой инсулины фæсарæйнаг препараттæ бынæттон хостæй баивыны архайд. Æнæниздзинадхъахъхъæнынадмæ цæстдарды федералон службæйы куыд фæнысан кодтой, афтæмæй бæстæйы уагъд хосты хæрзхъæддзинад ис бæрзонд æмвæзадыл. Фæстаг азты уыцы иу рæстæг цалдæр фæсарæйнаг компанийы фехъусын кодтой, уæрæсейаг базарадæй кæй цæуынц, уый тыххæй. Фæлæ уый нæ хынцгæйæ бантыст къабазы дефицит ма 'руадзын. Уый у хорз бæрæггæнæн. Экспертты ныхæстæм гæсгæ, бынæттон хостæм кæй рахызтыстæм, уый фадат ратдзæн æнæкъуылыпмытæй сæ исынæн. Уыимæ сæ хорз æууæлтæ дæр ныридæгæн адæм банкъардтой сæхиуыл.