Промышленнон компани "БТК" - йы минæвæрттæ фембæлдысты Черменыхъæуы цӕрджытимæ
Черменыхъæуы цӕрджытæ фембæлдысты республикæйы промышленнон блокы æмæ БТК къордты минæвæрттимæ. Ӕрныхас кодтой рог промышленносты рӕзтыл ӕмӕ куыстуӕтты кадрты цухдзинадыл. Ныртӕккӕ компани цӕттӕ у сӕдӕ ног кусӕгӕй фылдӕр райсынмæ. Кандидаттӕн радзырдтой куысты уавӕрты тыххӕй. Фембӕлд сарӕзтой хицауады сӕрдар Дзанайты Барисы амынддзинадмæ гӕсгӕ фæллойадон армукъайы фæстæ. Фидæны ахæм мадзæлттæ скæнын фæнд кæнынц республикæйы иннæ цæрæн пунктты дæр.