Цӕгат Ирыстоны радта 400 чиныгӕй фылдӕр ирон ӕвзаг ӕмӕ литературӕйӕ
Сыхаг республикæты скъолаты 1-æй 9-æм къласы ахуырдзаутæн радтой ирон æвзаг æмæ литературæйæ 400 чиныгæй фылдæр. Сӕрмагондӕй Кӕсӕг-Балхъары Озрекы хъӕуы скъоламӕ ӕмӕ Хъæрæсе-Черкессийы Къостайы хъæуы скъоламæ, уым ирон æвзаг программæмæ хаст æрцыд, куыд мадæлон æвзаг. Уыимæ ма сæргълæууæг Сергей Меняйлойы амынддзинадмæ гæсгæ регионы сног кодтой ахуыргӕнӕн æрмæджытæ ирон ӕвзаг ӕмӕ литературӕйӕ. Уыдон ныридӕгӕн ацыдысты федералон экспертизӕ.