Адæмæн сæ бон схъæлæс кæнын у æрмæст регистрацийы бынаты нæ, фæлæ ма рагацау равзарын онцонвадат
18-æй 20-æм сентябрьмæ ацæудзысты хъæлæс кæныны иумæйаг бонтæ. Æвзæрстыты рæстæг адæмæн сæ бон схъæлæс кæнын у æрмæст регистрацийы бынаты нæ, фæлæ ма рагацау равзарын æнцонвадат участок дæр. Уый тыххæй хъæуы курдиат бадæттын "Мобилон æвзарæг" системæйы уылты. Уый фæстæ бланктæ райсæн уыдзæн ногæвзæрст участочы. Уыимæ дыууæ хатты схъæлæс кæнæн нæй. Бюллетень раттыны размæ къамисы уæнгтæ бæрæг кæнынц æвзарæджы бæрæггæнæнтæ, номхыгъдмæ хаст кæм æрцыд, уый. Рагагъомæ æвзæрст участочы тыххæй информаци дæр ис къамисы уæнгтæм. Æркаст арæзт æрцæуы дыууæ хатты - хъæлæс кæныны размæ, æмæ уый фæстæ дæр. Зæгъын хъæуы уый, æмæ адæймаджы хи бæрæггæнæнтæ цæуынц хъахъхъæд.