Республикæйы экономикон министрады райрæзты фарстатыл æрдзырдтой Дзанайты Барисы разамындæй æмбырды

2 тыс. подписчиков

12+
12+

2 просмотра

6 дней назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

2 просмотра

6 дней назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

2 просмотра

6 дней назад

Дзанайты Барисы разамындæй ацыд Цæгат Ирыстоны экономикон райрæзты фарстаты фæдыл æмбырд. Сæйраг темæтæй иу - туристон инфраструктурæйы райрæзт, бæлвырддæр дзургæйæ та - кемпингтæ æмæ глэмпенгты арæзтад. 5 нысангонд проектæй сæххæст кæнын бантыст 2. Иннæ 3 та бакусдзысты афæдзы кæронмæ. Премьер-министр бабар кодта бæстонæй æркæсын сæ райрæзты 'мгъуыдмæ æмæ хæрзхъæддзинадмæ. Уыимæ ма аргъ скæнын туристон объектты инфраструктурæйæн. Уæлдай æргом аздахын хъæуы туристон лæггæдтæм, цæмæй сæ банчы картæйæ бафидæн уа. Ныхас ма цыд гидтæ-экскурсоводты архайдыл дæр. Абоны бонмæ республикæйы ис 257, аттестаци чи ацыд, ахæм специалисттæ. Ацы куыстмæ карз домæнтæ ис, хъуамæ дзы дæсны специалисттæ архайа. Уыимæ министрады уæлдай æргом здахынц амалхъомадæн æххуысмæ. Ныхас цыд амалхъомадæн, уыдоны хыгъды сæрмагонд æфсæддон операцийы архайджытæн, цы æххуыс кæнынц, ууыл дæр. Сты ахуырадон программæтæ, бизнес-пълан саразын, дæсныйад æвдисæг ахуыртæ æнтыстджын амалхъом адæмимæ. Экономикон къабазы архайдæн хъуамæ уа хорз хатдзæгтæ, фæнысан кодта Дзанайты Барис.