Владикавказкая уынджы, гæнæн ис, æмæ бæлæстæ баййæфтой хъыгдард

2 тыс. подписчиков

12+
12+

8 просмотров

2 дня назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

8 просмотров

2 дня назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

8 просмотров

2 дня назад

Быру куы райхæлдтой, уæд Владикавказкая уынджы зæххы хайимæ баст фарста хъуамæ иуварсгонд æрцыдаид. Арӕзтад баурӕдтой, ӕмбонд бафснайдтой. Фӕлӕ быцӕу дарддӕр ахӕццӕ. Бирӕазон бӕлӕстыл цӕрджытӕ ссардтой хуынчъытӕ. Интернеты та фӕзынд, ӕбӕрӕг адӕймӕгтӕ зайæгойты зæнгты цавӕрдӕр буаргъӕд кӕм уадзынц, ахӕм видео. Адӕм æнхъæл сты, æмæ аллейæ фӕхъӕстӕ кодтой, зæгъгæ. Кадртæм чи бахауд æмæ бӕрцуаты цы уыд, уый цӕрджытӕ нӕ зонынц. Фӕлӕ цы федтой, уый расайдта ног змæст мæ. Уӕлдайдӕр, арӕзтады ныхмӕ чи дзырдта, уыдонмӕ. Интернеты пайдагӕнджытӕй иу федта фыст, цы 'рцыд, уый фӕстӕ. Экологон бӕллӕхӕй фӕтӕрсгӕйӕ, сылгоймаг æвæстиатæй прокуратурӕмӕ фæсидт. Хъыгдард бӕлӕсты тыххӕй информаци райстой бынæттон администрацийы дæр. Уӕ зӕрдыл уын ӕрлӕууын кӕндзыстæм, уый размӕ администраци быру райхӕлдта. Ног фарстамæ дæр ис æмбæлгæ цæстдард. Специалисты ныхӕстӕм гӕсгӕ, бӕлас у ахсджиаг системӕ, йæ мидӕг ӕппынӕдзух змӕлынц дон ӕмӕ хӕлцадон буаргъӕдтӕ. Зæнджы хъыгдард халы уыцы процесстӕ ӕмӕ йӕ бон у фадӕттӕ саразын бактериты рӕзтӕн. Цӕрджыты бӕлӕстӕй уӕлдай ма тыхсын кӕны ацы зӕххы хайы ӕндӕр проблемӕ дӕр. Куыд радзырдтой, афтæмæй куыстыты фӕстӕ фӕндаг пырхæй баззад, ахизӕн та абон дӕр нӕ кусы. Уынджы фӕцӕуынц сывӕллӕттӕ, ӕмӕ адӕмы бахъӕуы фӕндаджы былмӕ рацӕуын. Ныртӕккӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсынц басгӕрсты хатдзӕгтӕм. Барадхъахъхъӕнӕг оргӕнтӕн сбӕрӕг кӕнын хъӕуы, бӕлӕстӕ чи бахъыгдардта, уый. Фӕлӕ аллейæйæн бахъахъхъӕнӕн ис ӕви нӕ - уый бӕрӕг нӕма у. Милдзыхты Амалия, Суанты Алан