Сергей Меняйло республикæйы цæрджыты зæрдыл æрлæууын кодта депутатты æвзæрстыты тыххæй

2 тыс. подписчиков

12+
12+

6 просмотров

7 дней назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

6 просмотров

7 дней назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

6 просмотров

7 дней назад

Цæгат Ирыстоны сæргълæууæг Сергей Меняйло йæ телеграм-каналы республикæйы цæрджыты зæрдыл æрлæууын кодта Паддзахадон Думæйы депутатты æвзæрстыты тыххæй. Хъæлæс кæныны рæстæг ацæудзæн 18-æм, 19-æм æмæ 20-æм сентябры. Йæ раныхасы сæргълæууæг фæнысан кодта, бæстæйы размæ æвæрд æрцыд ахсджиаг хæстæ, ахæм уавæрты уæлдайдæр хъæуы иумæ уæвын æмæ адæмы интерестæ хынцын. Сергей Меняйло фæнысан кодта, Паддзахадон Думæйы хъуамæ кусой граждæнты фарстатæ чи зоны, уыдон. Сæргълæууæг сиды цæрджытæм, цæмæй схъæлæс кæной.  Æвзарæн къамисы бæрæггæнæнтæм гæсгæ, республикæйы регистраци скодтой 540 минмæ ввахс æвзарæджы. Скусдзæн 10 территориалон æмæ 309 бынæттон æвзарæн къамисы. Ноджы 19 участочы байгом кæндзысты граждæнты рæстæгмæ уæвыны бынæтты. Уæ зæрдыл уын æрлæууын кæндзыстæм, æвзарæн бюллетентæ фыццаг хатт мыхуыр æрцыдысты уырыссаг æмæ ирон æвзæгтыл.