Артаг-энергетикон комплексы æмæ республикæйы цæрæнуæтты-коммуналон хæдзарады
Цæгат Ирыстон фæззыгон-зымæгон сезонмæ цæттæ у 85%. Артаг-энергетикон комплексы æмæ республикæйы цæрæнуæтты-коммуналон хæдзарады цæттæдзинадыл хъармгæнæн сезонмæ ныхас цыд сæрмагонд æмбырды. Амыдта йæ Дзанайты Барис. Æмткæй фæрæзты гуырахст у 700 милуан сомы, æрвыст æрцæудзысты цæрæнуæтты коммуналон хæдзарады объекттæ барæвдз кæнынæн, уыимæ куыстыты фæстæ фæндæгты цалцæгæн. Премьер фæнысан кодта, куыстыты цыд æмæ бахæс кодта æппæт мадзæлттæ дæр фæткмæ гæсгæ æххæст кæнын.