Рагагъоммӕйы бӕрӕггӕнӕнтӕ фехъусын кодта республикӕйы æвзарæн къамис
Таймазты Артур раззагдӕр у Паддзахадон Думæмæ 9-æм æмбырды депутатты æвзæрстыты Цæгат Ирыстоны иумандатон зылды. Рагагъоммӕйы бӕрӕггӕнӕнтӕ фехъусын кодта республикӕйы æвзарæн къамис. Таймазты Артур «Иугонд Уæрæсе» райста - 76,95% хъӕлӕстӕ. Дыккаг бынаты Бестауты Сослан «Уæрæсейы либералон демократон парти» 5,95%, æртыккаджы – Кучиты Алан «Партия прямой демократии» – 5,05%. 5% къаддæр хъæлæстæ райстой Цъыккаты Земфирæ «Рæстаг Уæрæсе»- 3,71%, Дудати Чермен «Уæрæсейы Федерацийы коммунистон парти» - 2,88%, Фидараты Таймураз «Родина» – 2,17%, Хуыбылты Яков «Уӕрӕсейы Коммунисттӕ» – 1,44%, Мамыкъаты Алан РЭП «Зеленые» - 1,09%. Хъæлæсгæнджыты иумæйаг бæрæггæнæн рауад 85,38%. Федералон зылды æвзæрстыты Цæгат Ирыстоны раззагдæр у «Иугонд Уæрæсе», дыккаг бынаты «Рæстаг Уæрæсе», æртыккаджы Уæрæсейы либералон демократон парти. Æппæтадæмон цæстдаррджытимæ æмбырды центрон æвзарæн къамисы сæрдар Моргуаты Жаннæ куыд фæнысан кодта, афтæмæй республикæйы æппæт æвзарæн участоктæ кустой æнæкъуылымпыйæ.