Сергей Меняйло амыдта кусæг къорды æмбырды хъæлæс кæныны иумæйаг бонмæ цæттæ кæныны фæдыл
18-æй 20-æм сентябрьмæ Паддзахадон Думæйы депутатты æвзæрстытæм цæттæ кæнæн мадзæлттыл æрдзырдтой кусæг къорды æмбырды. Ацыд Сергей Меняйлойы разамындæй. Уæлдай æргом аздæхтой хъæлæс кæныны бонты ӕвзарӕн къамистӕн баххуыс кӕныны фарстатыл. Ныхасы архайдтой æвзарæн къамисы, хицауады уæнгтæ, тыхы структурæты минæвæрттæ æмæ районты сæргълæуджытæ. Сергей Меняйло фæнысан кодта, ӕвзӕрстыты ӕдасдзинад, ӕнцонвадат ӕмӕ рæстдзинад закъоны бындурыл сæххæст кæнын. Уӕлдай æргом аздæхта граждæнтæм информаци хæццæ кæнынмæ, хæдзары хъæлæс кæнынмæ ӕмӕ къамисты архайды ӕргомдзинадмӕ. Цӕгат Ирыстоны снысан кодтой 10 территориалон ӕмӕ 309 участокты ӕвзарӕн къамисты, уыимæ 19 участочы рӕстӕгмӕ уӕвыны бынӕтты. Ӕвзарджыты номхыгъдты - 511 мин цӕрӕгӕй фылдӕр. Ӕппӕт хайæдтæ дӕр цæуынц хъахъхъæд, ифтонг сты згъӕр иртасæн фæрæзтæй ӕмӕ видеоцӕстдардӕй. Цӕттӕгонд ӕрцыдысты уæлæмхасæн бæстыхæйттæ ӕмӕ бакуыстой æнæнхъæлæджы уавæры рæстæг раст архайдыл. 5 мин адӕймагӕй фылдӕр спайда кодтой "Мобилон ӕвзарæгæй". "ИнформУИК"-ы фӕлгӕты ӕрзылдысты 187 мин хӕдзарӕй фылдӕрыл. Ацæргæ æмæ цудыд æнæниздзинадимæ адæмæн æххуысмæ дæр цæттæ сты. Ӕвзӕрстыты фыццаг хатт архайынц 16 мин ӕрыгон ӕвзарæгæй фылдӕр, бацӕттӕ сын кодтой лæвæрттæ. 18-æм сентябры байгом уыдзысты 4 участочы Хуссар Ирыстоны цӕрджытӕн, Президенты ӕвзӕрстыты чи архайы, уыдонӕн. Бюллетентӕ фыццаг хатт мыхуыр ӕрцыдысты уырыссаг ӕмӕ ирон ӕвзӕгтыл.