Сергей Меняйлойы амынддзинадмæ гӕсгӕ цӕрӕнуатон-коммуналон хӕдзарады министрад аргъ скодта артаджы
Цӕгат Ирыстоны сӕргълӕууӕг Сергей Меняйлойы амынддзинадмæ гӕсгӕ цӕрӕнуатон-коммуналон хӕдзарады министрад аргъ скодта артаджы станцæты уавæрæн. Басгӕрсты хатдзæгтæм гæсгæ: артаджы стыр компаниты хицӕн станцæты ис фылдæр рад. Хæдтулгæты бирæ нымæц хъыгдары цӕуӕг транспорт. Ӕппӕты даргъдӕр радтӕ фӕнысан кодтой Дзӕуджыхъӕуы – Мӕскуыйаг сосӕвӕндагыл, Зортовы уынджы, Леоновы уынджы ӕмӕ Мӕскуыйы сосӕвӕндаджы æмæ Леоновы уынджы тигъыл. Уавӕр банывыл кӕнынæн фæдзырдтой бархионтæм. Корпусы сконды — Цæгат Кавказы хæххон-металлургон институты студенттӕ, уыдоны зонгæ кæнынц фӕндаггон змӕлд раст рацаразыныл æмæ æдасдзинад æххæст кæныныл.
Название:
Сергей Меняйлойы амынддзинадмæ гӕсгӕ цӕрӕнуатон-коммуналон хӕдзарады министрад аргъ скодта артаджы
Категория:
Новости и СМИ