Дзанайты Барис сарӕзта ӕмбырд фиддонтӕ ӕххӕст кӕныны фӕдыл фӕлхасгонд энергоресурсты тыххӕй
Республикон ӕмӕ бынӕттон бюджеттӕй ӕхцаввонггонд организацитӕ хъуамӕ ӕххӕстӕй ӕмӕ ӕмгъуыдмӕ фидой, цы энергоресурстӕ бахардз кодтой, уыдонæн. Уый тыххæй дзуапдæттæг куыстуæтты минæвæрттимæ фембæлды фехъусын кодта Дзанайты Барис. Ӕмткӕй райсгӕйӕ, специалистты ныхӕстӕм гӕсгӕ, фиддонтæ дæттыны уавæр Цӕгат Ирыстоны у хорз. Сӕргълӕууӕг Сергей Меняйлойы амынддзинадмæ гӕсгӕ, архайджытӕ ӕркастысты сӕйраг фарстатӕм дӕр, бакуыстой уӕлӕмхасӕн гæнæнтыл цæстдарды ӕмӕ ӕмархайдӕй фиддонты дисциплинӕ фӕхуыздӕр кӕнынӕн.