Сергей Меняйло сарæзта Сахарты арæзтады советы æмбырд
Абон ма Сергей Меняйло сарæзта Сахарты арæзтады советы æмбырд. Æрдзырдтой къабазы райрæзты фыццаградон фарстатыл, куысты къуылымпыдзинæдты æмæ сæ куыд райхалæн ис, уый тыххæй. Регионы разамонæг фæнысан кодта, территориты райрæзтимæ æмæ республикæйы цæрæн пунктты архитектурон хуызимæ хъæуы кусын иумæйаг æгъдауæй. Уыимæ ахсджиаг у территориты райрæзтимæ куыд нырыккон домæнтæ, афтæ Цæгат Ирыстоны историон хицæндзинæдтæ хынцын. Абон сахарты арæзтады æмæ архитектурæимæ баст фарстатæм ис уæлдай цæстдард. Хорзыл банымадтой 2026 аз республикæйы Архитектурæйы афæдзæй кæй расиддысты, уый. Хорзы 'рдæм сахадыдта къабазы райрæзтыл, æвзонг кадрты цæттæдзинадыл æмæ сахарты арæзтады фарстатæм фылдæр æргом раздахыныл.