1951 азы 7 сентябры райгуырд журналист Доййаты Олег

12+
12+

21 просмотр

год назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

21 просмотр

год назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

21 просмотр

год назад

Цæгат Ирыстоны телеуынадмæ стыр æвæрæн чи бахаста, кæддæриддæр раззагдæрты 'хсæн чи уыд, йæ куыст æгæронæй чи уарзта, ахæм уыд Доййаты Олег. Абоныл хъуамæ сæххæст уыдаид 70 азы. Йæ хæрзты тыххæй ис бирæ дзурæн. Доййаты Олег йæ фæлтæрддзинад йе мкусджытæн не вгъау кодта. Уыд Цæгат æмæ Хуссар Ирыстоны информацион программæты бындурæвæрæг. Алкæддæр раст æмæ уæздан. Ахуыргæнæг, разамонæг æмæ хорз хæлар. Дæнцæгæн хæссинаг, хæларзæрдæ, раст æмæ уæздан. Поэзи æмæ футболæн аргъгæнæг. Бирæтæн та зынаргъ æмæ зæрдæйæн уарзон адæймаг. Доййаты Оледжы хорз ныхасæй бирæтæ æрымысынц. Доййаты Олег у Цæгат Ирыстоны информацион службæйы бындурæвæрæг. Стыр аргъ кодта рæстдзинадæн. Фæлывдæн — æгъатыр, алкæй рыст хи рыстау чи æнкъардта, зæрдæмæ йæ хæстæг чи иста. Ахæмæй баззад зæрдæты. Адæмы æгъатыр цауты тыххæй чи дзырдта, уыдоны ’хсæн уыд фыццаг. 1991-æм аз — Гуырдзыстонимæ быцæу. 92-æм — Горæтгæрон районы, фæстæдæр та Хуссар Ирыстоны цаутæ. Доййаты Олег уыд бирæ программæты автор. Кæстæртæн — фæзминаг хистæр. Рауагъта бирæ дæсны журналистты. Алкæйы дæр канд профессионалон зонындзинæдтæ нæ бавæрдта, фæлæ ма кæстæрты ахуыр кодта дунемæ хи цæстæй кæсыныл, кæддæриддæр бæллын хорздзинадмæ, царды кæнын æнтыстджын къахдзæвтæ æмæ, æнæмæнг, уæвын рæстуд адæймаг. Уыимæ гадзрахатæй макæуыл рацæуын. Информацион програмæйы бындурæвæрæг, зындгонд журналист Доййаты Олег йæ цардæй ахицæн 62-аздзыдæй. Афтæмæй, 7 азы размæ ацыд цæгатирыстойнаг журналистикæйы дуг. Фæлæ йæ рухс ном баззад адæмы зæрдæты. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv