Æнæмæлгæ полк ацы аз ацæудзæн традицион хуызы

Æнæмæлгæ полк ацы аз ацæудзæн традицион хуызы. Уый тыххæй фехъусын кодтой цæттæгæнæн комитет «Победа»-йы æмбырды. Амыдта йæ республикæйы сæргълæууæг Сергей Меняйло. Æнæмæлгæ полчы архайджытæ горæты сæйраг уынджы ацæудзысты Уæлахизы парады фæстæ. Райдайдзæн райсомы 10 сахатыл. Ахæсдзæн 45 минуты. Архайдзæн дзы 1 мин 200 æфсæддоны, стæй техникæйы 17 иуæджы. Ныридæгæн цæуынц репетицитæ. Дзæуджыхъæуы администрацийы куыд зæгъынц, афтæмæй Штыбы фæзы æмæ Сабырдзинады проспекты куыстытæ фæуыдзысты ацы мæйы кæрон. Сергей Меняйло куыд фæнысан кодта, афтæмæй хъуамæ уый тыххæй сæ хъæрзхъæддзинад ма фæцуда. Кадджын мадзæлттæ ацæудзысты республикæйы æппæт районты дæр. Ацы аз ма арæзт æрцæудзæн «Посмотри на их лица», зæгъгæ, акци. Фарон ацы мадзал тынг фæцыд республикæйы цæрджытæ æмæ уазджыты зæрдæмæ. Æмбырды ма ныхас цыд Фыдыбæстæйы Стыр хæсты ветерантæн æмæ сæ бинонтæн иухаттон фиддоны тыххæй. Æххуысы бæрц уыдзæн 15 мин сомы. Фидын сæ райдайдзысты 7 майы. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv ok.ru/irystontv youtube.com/irystontv zen.yandex.ru/irystontv t.me/irystontv

12+
18 просмотров
год назад

, чтобы оставлять комментарии